Иудзинад æнæ культурæйæ нæй |
11.12.2009 14:35 |
Хæрзаудæн фонды бындурæвæрæг æмæ президент, наукæты доктор, профессор Хуадонты Зураб афтæ зæгъы: «Нацийы иудзинадæн ницы бындур ис, мадæлон æвзаг, культурæ, аивад æмæ наукæ рæзты къахыл лæуд куы нæ уой, уæд».
2005 азы октябры Хуадонты Зураб хæххон-металлургон институты рауагъдонгимæ фембæлды загъта, цæмæй уыдон се 'ргом тынгдæр здахой хæрзаудæны архайдмæ. Ахæм архайд хорзæрдæм зыны æхсæнадыл, хорзæрдæм зыны амалхъомты архайдыл дæр.
Цасдæр рæстæджы фæстæ ахуыргæнæндоны рауагъдонтæ – коммерцион куыстадон структурæты разамонджытæ Цæллагты Сергей, Абайты Ларисæ, Зураты Аркади, Таматы Амырхан равдыстой хъæппæрис хæрзаудæн фонд capазыны тыххæй. Уый хъуамæ феххуыс уыдаид ирон æвзаг æмæ национ культурæйы рæзтæн. Фонды бындурæвæрæг æмæ пре¬зидент сси Хуадонты Зураб. Фонды сæйраг хæсæн равзæрстой курдиатджын фысджытæн, культурæ æмæ наукæйы архайджытæн алывæрсыг æххуыс бакæнын. Зæгъæм, сæ уацмыстæ рауадзыны хъуыддаджы сын баххуыс кæнын. Бауынаффæ кодтой, цæмæй лæвæрд цыдаид æртæ премийы: аивадон литературæйы, аивады, наукæйы. Алы преми дæр — 100 мин сомы. Премитæн национ бындур кæй ис, уымæ гæсгæ ахуыргæндтæ æмæ культурæйы архайджытæ (профессортæ Бзарты Руслан æмæ Хъамболты Та¬мерлан, режиссер Мерденты Марат æмæ æндæртæ) бауынаффæ кодтой, цæмæй йын лæвæрд æрцыдаид иумæйаг ном — национ преми "Нарты фæткъуы". Курдиатджын скульптор Тауаситы Станислав сарæзта сыгъзæрин донытылд статуэткæ "Нарты фæткъуы". Лауреаты дипломимæ хъуамæ лæвæрд цæуа ацы статуэткæ дæр. Конкурсы фыццаг уæлахиздзаутæ систы драматург, режиссер æмæ актер Темыраты Да¬вид, композитор, зындгонд фæндырдзæгьдæг Гæздæнты Булат, наукæты доктор, профессор Хъулаты Сослан. Премитæй фæстæмæ ивгъуыд азты фонд алыхуызон æххуыс бакодта фысджытæн æмæ культурæйы архайджы¬тæн. Сæ уацмыстæ рауадзы¬ны тыххæй баххуыс кодта фыссæг Хъайтыхъты Азæмæтæн, поэт Бабочиты Русланæн, нывгæнджытæ Джыккайты Мурат æмæ Хъайтыхъты Георгийæн. Фонд баххуыс кодта Калоты Барисы зындгонд чиныг "Ирæттæ"-йы ног рауагъдæн. Бакодта ма бирæ æндæр æххуыстæ. Кæй ранымадтон, уыдонæй уæлдай ма Национ преми "Нарты фæткъуы"-йы лауреаттæ систы композитор Магкоты Ацæмæз, фыссæг Джусойты Нафи, ахуыргонд Гуыриаты Тамерлан. Æмæ та мæнæ æртыккаг хатт æрæмбырд сты Ирон театры. Фонды президент Хуадонты Зураб афтæ загьта: "Ныртæккæ ахæм рæстæг у, «мæ цы уыдзæн, уый бæрæг нæу. Ахæм уавæрты уæлдай зындæр у чы- сыл адæмтæн, уымæ гæсгæ, цæмæй ма фæцудæм, уый тыххæй нæ хъæуы иудзинад. Иудзинад та æнæ мадæлон æвзаг æмæ культурæйы рæзтæй уæвæн нæй. ЮНЕ¬СКО нын не 'взаг банымадта сæфты къахыл лæуд æвзагыл. Йæ мадæлон æвзагыл чи фыссы, ахæм кæстæртæ нæм стæм ис. Цæмæй кæстæрты литературæ æмæ аивадмæ æрбаздахæм, премиты сæйрагдæр нысаниуæг дæр уый у. Ныртæккæ мæнг наукæ маргхъæстæ дидинæг æфтауы. Рæстдзинадыл дзурæг наукон куыстытæн аргъ кæнын дæр нымайæм нæ хæсыл". Номинаци "Литературæ" - йы Национ преми "Нарты фæткъуы"-йы лауреат сси поэт Скъодтаты Эльбрус. Хуадоны-фырт куыд загьта, афтæмæй, фыццаджыдæр, поэзимæ йæ бавæрæны тыххæй. Уый у поэтикон æмбырдгæндтæ "Рæстæг æмæ дуйне", "Фæлмæ", "Бонивайæн" æмæ æндæрты автор. Уый бацæттæ код¬та Гарданты Михалы, Багьæраты Созыры æмæ æндæрты уацмыстæ ногæй сæ рауадзыны тыххæй. Номинаци "Аивад"-ы На¬цион преми "Нарты фæткъуы"-йы лауреаттæ систы дыууæйæ зындгонд нывгæнæг Бедойты Шалва (уый у куыстытæ "Сыгъзæрин фæткъуы бæлас", "Æфсати", "Посейдоны чызг", "Сыгъ¬зæрин Уастырджи" æмæ æндæр нывты автор) æмæ зындгонд скульптор Дзбойты Михал (уый у, нæ сæйраг горæт æмæ Ирыстоны æн¬дæр бынæттæ кæй скульпту¬рон куыстытæй сфидыдтой, уыдоны автор). Сæ премитæ райстой культурæйы ми¬нистр Хæбæлаты Фатимæ æмæ нæ республикæйы Ветеранты советы сæрдар Къаболаты Солтаны къухæй. Адæмы зæрдæтæ сæ рæсугъд аивадæй барухс кодтой аивады зындгонд архайджытæ Гæздæнты Булат, Тайсауты Олег, Хадыхъаты Аллæ, Дзанайты Ольгæйы зындгонд зарæггæнджыты хор, ансамбль "Алан" æмæ æндæр аивадон коллективтæ. АБАЙТЫ Э. «Рæстдзинад», цыппурсы мæйы 11 бон |